Дзæгъиаты Мария
Ирыстон
Ирыстоны уарзæм нæ мадау!
Йæ сæрыл мах ситдзыстæм тох.
Дардыл æрзилдзыстæм маргъау,
Уæддæр æй нæ кæндзыстæм рох.
Ирыстон – нæ райгуырæн бæстæ,
Ирыстон – нæ фыдæлты зæхх.
Цæуæм ´мæ цæудзыстæм дæ фæстæ, -
Æрмæст-иу дæ зындзинад зæгъ…
Нæ тугæй ныффыстам «Ирыстон»,
Нæ ратдзыстæм знагæн йæ ном!
Ирон-уæрæсейаг тырыса
Фæйлаудзæн нæ сæрмæ, уый зон!
Ирыстон, дæ кады ном айхъуыст,
Йæ хорздзинад таудзæн бæстыл.
Дæу иунæг Хуыцауæн фæдзæхсæм, -
Уæрæх уа дæ фæндаг зæххыл.
Нæ дыууæ Ирыстоны! Абон –
Æппæтæн уыдзæнис фæндон –
Иудзинад тынг хъæуы адон,
Тагъд нæм æрцæудзæнис – зон!.. |