Чехойты Ольга,
УФ Фысджыты Цæдисы уæнг
Ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты бонæн
Геноциды амæттаг уыд Хуссар Ир уал аз,
Ирон наци цыд нырыонг куынæг.
Фыдæзнаг ирон тугæй бафсис нæ зыдта,
Нæма йæ нымайы æгъгъæдыл ныр дæр.
Нæ разагъды фыртты нын мардтой лæгсырдтæ,
Уыд абоны бонмæ нæ фыдæлты каст.
Нæ бартæ уæд райстам, уæвджейæ, нæ къухтæм, -
Ӕрдæгыл куы банцад нæ адæмы цард.
Ныгæдтам нæ хъайтарты, гъе, уæд зын тохы,
Куы цыдис нæ зæххыл Гуырдзыстоны бар;
Уæддæр уый нæ исы йæхимæ йæ азым,
Истори ыскæндзæн йæ фыдмитæн аргъ.
Уæд ыссæдзæм азы лыгъдыстæм Цæгатмæ,
Куы уагътам фыдгултæн нæ райгуырæн зæхх.
Ӕртындæс сахъхъ фыртæн, нæ Иры бындартæн -
Ыскъахын сын кодтой сæ къухæй ингæн.
Сырдтой мах нæ зæххæй, кæй ыстæм ирæттæ,
У Зары хъæд уымæн дунетæн зындгонд.
Уым Иры хъæбултæн, æхсæрдæс ´мæ ссæдзæн,
Фæкалдтой чысылæй-зæрондæй сæ рондз.
Нæ райгуырæн зæххыл æзнаг арт куы ´фтыдта,
Нæ фыдцæрадæн-иу уæд сытынг сæ кафт.
Фыдæлты хъæдгæмттæн ныууадзæн нæй рохуат,
Нæ рæзгæ фæлтæр у сæ хæдзондыл хаст.
Иæ хъæбулты тугæй у амæхст нæ бæстæ,
Уæвгæйæ сæ бæллиц æрцыдис æххæст.
Нæ цæхæрцæст фырттæ, дыууадæсæй иумæ,
Сты Ереды хъæуы фыдмардæй ныгæд.
Куы рох кæнæм август, сæрдыгон æхсæвы
Нæ фæллад уæзæг уæд йæ фынæйыл уыд, -
Цынæ хæцæнгарзæй нæ кодтой быныскъуыд,
Къостайæн йæ «Додой» нæ кæмттæй куы хъуыст.
Нæ къухты ис абон нæ кæстæрты сомбон,
Сæ разы у скъуыддзагкæнинаг нæ фарст.
Нæ геноцид хъуамæ дунейыл уа хъуыстгонд,
Уæд не стыр Уырысæн уыдзæн уый нымад. |