27 Июля 2024
"Надо любить и хранить те образцы русского языка, которые унаследовали мы от первоклассных мастеров". Д.А.Фурманов
Меню сайта
   Главная
   Новости
   Об АПРЯЛЮО
   Журнал, юбилеи
   Подшивка
   Конференции
   Семинары
   Конкурсы
   Международное
    сотрудничество
   Достижения студентов
    и школьников
   Методический уголок
   Литературная страничка
   Объявления
   О сайте
Поиск на сайте


Статистика


Нæ сæрмæ фæйлауæд Сабырады тырыса!..
Гуырдзыстоны хицауад Хуссар Ирыстонæн фыццаг хатт геноцид куы сарæзтой, уымæй рацыд 100 азы. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзысты гуырдзиаг тугмондаг сырдты фыдмитæ, суанг 1920-æм азæй райдайгæйæ. Цас æдых сабитæ  фæмард фæндагыл, знагæй  тæрсгæйæ!.. Иу æмæ дыууæ ацæргæ адæймаджы нæ баисты ивылд доны амæттаг. Иу  æмæ дыууæ  ироны  нæ  фæмард  карз æмæ уæззау  низтæй. Рагæйфæстæмæ гуырдзыйæн сæ зæрды байсын уыд Ирыстоны зæхх. Хъæутыл бандзæрстой арт, сæхи тавтой  Ирыстоны  хæдзæртты  æртытæм, цин  кодтой ирон адæмы хъæбулты зиæнттыл. Уæлдай сын нæ уыд, сабиты цагътой, зæрæдты, гъе, сылгоймæгты.

1917 азы Ортъеуы  хъæуы  арæзт  æрцыд  Хуссар  Ирыстоны  зæхкусджыты фыццаг  организацион   Цæдис. Цæдисæн къъухдариуæггæнæг уыд Хъуылымбегты Георги. Уыцы Цæдисы сконды уыдысты: Харебаты Исахъхъ, Цоциты  Мукгга (зæхкусæг лæг), Гассеты  Къотъе, Гассеты  Сандыр, Лагкоты  Иликъо, Цоциты  Зураб (солдат, большевик), Цоциты Антон, Лагкоты  Серги. Уыдонæн ма æххуысгæнджытæ уыдысты: Коцты Алыксандыр (солдат), Тыбылты Иликъо (бакойаг кусæг), Куымæридтаты Никъа (æфсæнвæндаджы кусæг), Уалыты Захар (прапыр), Хъуылымбегты Сикъо æмæ бирæ  æндæртæ. Уыдонæн сæ хæс уыд, цæмæй парахат кодтаиккой  большевикон  хъуыдытæ.

1917 азы фæззæджы Калакæй æрбацыдысты Фæрниаты Сандро æмæ Гаглойты Георги. Уыдон уыдысты меньшевикты къорды. Уанаты хъæумæ ‘рæмбырд кодтой адæмы. Сæ раныхасы дзырдтой, зæгъгæ, сымах иунæгæй ницы  бакæндзыстут, фæлæ æрбалæуут Гуырдзыстоны социал-демократон партийы фарс,  æмæ уæ  цард  дзæбæх  ацæуа. Меньшевикты æрвыст лæгты ныхмæ рацыдысты Хъуылымбегты Георги,  Цоциты  Мукгга, Гассеты  Къоте  æмæ  Цоциты  Къола. 1918 азы фронтæй  бирæ  фæсивæд  æрцыд  æд  хотыхтæ. Уыцы фронтовиктæй     арæзт  æрцыд  стыр  къорд. Къорды разамонæгæй нысан  æрцыд  Хъуылымбегты  Георги. Йæ  хæдивджытæ  уыдысты Цоциты  Алекси æмæ  Уалыты  Захар. Фронт  æххæсыд  Залдайæ   суанг  Ереды  хъæумæ. 1918  азы августы  мæйы Санахъоты Лади æмæ  Дзаттиаты  Алыксандыр  æрцыдысты  Ортъеуы  хъæумæ æмæ ауагътой  æмбырд. Бирæ  адæм  æрæмбырд  уырдæм. Ацы  ҅мбырды ногæй æвзæрст  æрцыд  Ортъеу æмæ Белоты дæластæрдон  партион  организаци. Сæрдарæй æвзæрст  æрцыд Цоциты  Къола. Уæнгтæй  та   æвзæрст  æрцыдысты: Мамытаты Габо, Цоциты  Ягор, Лæууойты  Серго, Годжыцаты  Ладо, Цоциты  Гришæ æмæ Тъатъе. 1919  азы  ацы  къорд  меньшевикты  ныхмæ  растад  сарæзтой, фæлæ, иуæй,  цъус  уыдысты, иннæмæй  та  сæм  хæцæнгарз  фаг  нæ  уыд,  æмæ  састы  бынаты  баззадысты. Уый  фæстæ  гуырдзиаг  меньшевиктæ сæхи  хæцæнгарзæй  сифтонг  кодтой, æрбабырстой, адæмы  фæтардтой  Цæгат  Ирыстонмæ, басыгътой  хъæутæ.

Гуырдзиаг сармадзантæ  бацыдысты  Джеры  цъаламæ. Мæ  ахуыргæнæг  Гассеты  Анфисæ  куыд зæгъы, афтæмæй  йæ фыдымад  Кумситы  Сасинкъайыл уæд  цыд  12  азы. Йе  ҆фсымæр  æмæ  йæ  хотимæ  скъæрдтой  фос  Рукъы   ‘фцæгыл. Шипраны бынмæ цъалайы  уыд  хъæдын  хид. Уыцы  хидыл  ахызт  Кумсион  йæхæдæг  дæр. Хидыл  цæугæйæ,  йæхи  цæстæй  федта: сылгоймагæн  иу  сывæллон  йæ  хъæбысы уыд, иннæ  та - йе  ҆ккой, афтæмæй фæцæйцыд. Фæстаг сывæллон фæцæйхаудта æмæ фæлæбурдта иннæмæ, æмæ уæд дыууæ дæр ивылд  доны  смидæг  сты. Уыцы  æвирхъау  ныв  фенгæйæ, адæм  се  ҆ппæт  дæр  ставд  цæссыгæй  фæкуыдтой. Сывæллæтты  мадæн та йæ  хъарæгæй  бæстæ  рызти...

Адæмыл сыстад халер. Кумсионæн йæ цæгат  иууылдæр  фæрынчын сты  уыцы  низæй. Ныххæццæ сты Салуыгæрдæнмæ. Уым сæм хорз цæстæй ракастысты се ҅мтуг ирон адæм, рæвдыдтой сæ хъарм, фæлмæн ныхасæй,  сарæзтой сын æппæт уавæртæ дæр. Тифæй чи фæрынчын, уыдон цардысты кæмдæр къæдзæхлæгæты. Уырдæм сын хастой хæринаг. Æрæвæрдтой-иу æй нысан бынаты, æмæ-иу æй уырдыгæй рынчынтæ сæхæдæг ахастой. Кумсионы цæгат сæнæниз сты, фæлæ иннæтæй бирæ фæцагъдис. Уыцы цаутæ дзургæйæ иу Кумсионæн йæ цæссыг донау уади йе  ҆нцъылд уадултыл, æмæ-иу  йæ  кæлмæрзæны  къабузæй  йæ хъарм  цæссыгтæ  асæрфта.

1920 азы гуырдзиаг тугдзых сырдтæ ҅рмæст Джеры коммæ не ‘рбабырстой, фæлæ бахæццæ сты Дзаумæ æмæ иннæ ирон хъæутæм дæр. Мæ мадымад куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æрбынат кодтой Хслебы хъæуы, уырдыгæй æхстой  Бузаламæ. Цæрджытæ бамбæхстысты Лыккоты скъæты. Райсом уæрдæттыл, фистæгæй, сæ фæндаг скодтой  Дзæуджыхъæумæ. Лигъдæттимæ  уыд  мæ нанайы  фыдыфыд Джиоты  Никъала дæр æд бинонтæ: афæдздзыд æмæ  ‘рдæгаздзыд  сывæллæттæ  семæ, афтæмæй сæ сæр  æфснайдтой.

Ресы  хохы  сæрты  хизгæйæ, лигъдæтты  æрбацæййæфтой гуырдзиаг  лæгмартæ. Лигъдæттæн  сæ  сæр  сæ  кой уыд. Никъалайæн  уыд фондз сывæллоны - цыппар  лæппу æмæ иу  чызг. Мад  цы  ацарæзтаид  йе  фондз  хъæбулæн, кæм  сæ  бааууон  кодтаид?  Хорз æй æмбæрста, сæ  хъысмæт  адзалмæ  кæй  цæуы,  уый. Йæ  иунæг  чызг сдойны, фæлæ сæм дон нæ уыд, æмæ  йын æрдæгфæндагыл йæ къухы амард. Иннæ сывæллон та фæндагыл фæрынчын уæззау низæй æмæ уый дæр амард. Афтæ иннæ лигъдæтты сывæллæттæ дæр. Фæндагыл чи куыд мард, афтæ сæ ныггæдтой бæрæг рæтты...

Халерæй рынчынтæ дзы тынг бирæ уыд, баззадысты-иу фæндæгтыл, зæппадзты. Удæгасæй ма-иу чи аирвæзт, уыдон-иу æрцардысты Дзæуджыхъæуы интернаты. Уыдоны нымæцы уыд мæ нанайы фыд Джиоты Уазно дæр. Никъалайы хистæр æфсымæр дæр йæ бинонты арвыста Дзæуджыхъæумæ. Йæхæдæг не сразы йæ сæр бафснайыныл, æз, зæгъгæ, зæронд дæн æмæ мæнмæ нæ февналдзысты. Фæлæ уæддæр æрцæттæ кодта йæ  хотыхтæ: цалынмæ, дам, дзы искæй амарон, уæдмæ, дам, мæ маст не ссæудзæн, æмæ мын стæй, зæгъгæ, мæхи дæр амарæд. Гуырдзиаг лæгмартæ сæ сырдон ахуыр нæ ныууагътой ам дæр: бакодтой æнæбон зæронд лæджы хæдзары æмæ йыл арт бандзæрстой...

Бæстæ куы ‘рсабыр, уæд Бузалайы цæрджытæ уый фæстæ тынг бæллыдысты сæ хъæумæ ‘рыздæхынмæ. Иу бон снысан кодтой æмæ къахæй рараст сты. Фæндагыл ма бæргæ агуырдтой сæ хъæбулты ингæнтæ, фæлæ нал разынд сæ фæд дæр æмæ  зæрдæрисгæйæ ‘рхæццæ сты сæ хъæумæ. Фæлæ та ам дæр хуыздæр ницæуыл сæмбæлдысты. Иу хæдзар, иу хъæу дæр æнæсыгъдæй нал æрæййæфтой…

Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Куыст цардæн фæрæз у, зæгъгæ, загътой цæрджытæ æмæ та ‘рæвнæлдтой ног цард аразынмæ. Никъала йæ дыууæ фыртимæ цыд хъæдмæ, ракодтой-иу лыстæг уистæ æмæ рæстæгмæ сарæзтой сæхицæн балæууæндон. Нал сын хуыссæнгæрзтæ уыд, нал дзаума. Никъалайы бинойнагæн Дзæуджыхъæуы радтой хъарм бийгæ кæлмæрзæн. Ӕхсæвæй-бонæй нуæрста уыцы кæлмæрзæны йæ чысыл сабиты. Дзырдта-иу, зæгъгæ, ацы кæлмæрзæн у мæ хъæбулты ирвæзынгæнæг. Никъалайы бинойнаг Багаты Къекъе хорз  рæхст хуыйынмæ æмæ бийынмæ: хуыдта дзабыртæ, уæлæдарæс йæ хъæбултæн æмæ сæ афтæмæйты хъомыл кодта цадæггай.

Хъæуы цæрджытæ æрдæгсыгъд кусæнгæрзтæ сцалцæг кодтой æмæ афтæмæйты кæрæдзийæн æххуыс кодтой. Бинонтæ чысыл куы фæцæрдхъом сты, уæд Никъала куыстагур ацыд Сомихстонмæ. Уым куыста æрхуыуадзæн заводы, фæлæ фæрынчын æмæ фæстæмæ ‘рыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ. Уæззау низы фæстæ ма иучысыл ацард, стæй амард.

Никъалайы мæлæты фæстæ бинонтæн сæ цард фæкъахыр, хæдзары уæз æрæнцад Къекъейы уæхсчытыл. Сылгоймагæн тынг зын уыд сидзæр сабиты хъомыл кæнын. Ӕндæр гæнæн ын нал уыд, æмæ йæ хистæр лæппу Уазнойы æркодта Дзæуджыхъæуы интернатæй. Сывæллон ахуырмæ æвзыгъд уыд, æмæ йæ уымæ гæсгæ нæ уагътой. Мад æмæ фыды дæр бæргæ фæндыд, цæмæй сæ хъæбул  сахуыр уыдаид, фæлæ сæ бæллицц не сæххæст. Уыд стонг аз, адæм скъуыдысты æххормагæй...

Не скъолайы кæстæр кълæсты ахуыргæнæг Цхуырбаты Розæ Сергейы чызг нын куыд радзырдта, афтæмæй стыр уæззаудзинад бавзæрстой Цхуырбаты Писыры  хæдзарвæндаг дæр. Писыр йæ бинонты æд сабитæ арвыста иннæ лигъдæттимæ хъæдмæ. Йæхæдæг  не сразы æмбæхсыныл: æз, дам, зæронд  лæг  дæн æмæ  мæ, зæгъгæ,  цы  хъавынц? Фæлæ гуырдзиаг  фыдгæнджытæ-меньшевиктæ  нæ  кастысты  зæронд æмæ  æвзонгмæ: ралыг  кодтой мæгуыр  лæджы  сæр. Хъæуыл арт бафтыдтой, атардтой фос…

Бонтæ  цыдысты, куыстуарзаг  адæм  дарддæр сæ царды хабæрттæ кодтой. Писыры лæппу Никифор  æркодта  бинонтæ. Йæ   зæрдæ  рухс  кодта  йæ сывæллæттæй, фæлæ дзы  нæ  рох  кодта  йæ  фыды  мæлæт. Гуырдзиаг ныхас æмæ дзырд "гуырдзы" йæ зæрдæйыл карды цæфау æмбæлдысты.

Иу дзуарыбон сæм сæ хæстæг  сылгоймаг фæуазæг йæ  сыхаг сывæллæттимæ. Фынджы уæлхъус куы  ‘рбадтысты, уæд æй Никифор афарста, зæгъгæ, дын  чи  сты  ацы сывæллæттæ та. Ус  дзуапп  радта, ома, мæ  гуырдзиаг  сыхæгтæ  сты. Никифор  арвы  цæфау  фæци. Фæхъæр  кодта: "Цæмæн сæ  æрбакодтай?! Ӕз мæ  удхæссæг  уынын, мæ  фыды  мын  хуыйы ‘ргæвст чи акодта, уыдонæй! Ме знæгты сывæллæтты  мæ  хæдзары  куыд  нæ уынон! Тагъд сын  сæ  къухтыл  ныххæц æмæ сæ  фæстæмæ акæн! Æмæ сæ рарвыста…

20-æм азы трагикон цаутæ нæ баззадысты рохуаты ирон фысджытæй дæр. Æвдыст æрцыдысты, зæгъæм, Плиты Харитоны поэмæ "Сæлимæт"-ы. 1920 азы  Харитоныл цыд 12 азы. Йæ хо Эрмойы йын  куы  аскъæфтой гуырдзиæгтæ, уæд йæ кæуын нал урæдта. Йæ лæджы кармæ куы бахызт æмæ йæм поэтикон хъæлæс куы фæзынд, уæд ныффыста  æнæмæлгæ  поэмæ  "Сæлимæт".

Гуырдзиаг лæгхорты цъаммар митæ хурмæ хæссы Коцойты Арсен  дæр  йæ  радзырдтæ "Саломе" æмæ  "Ӕнхъæл  нæ  уыдысты"-йы.

Зынгæ ирон фыссæг Дзесты Куыдзæг  дæр  йæхи  цæстæй  федта гуырдзиæгты  æбуалгъ митæ. Лидзæг адæмимæ йæхæдæг  дæр  уыд.  Йæ радзырд "Хур скæсæны ‘рдæм нæ  ныгуылы" ирон  литературæйы ахсы сæрмагонд бынат.

1920 азы меньшевикты хицауады  ныхмæ  тохы  ахст  æрцыдысты  15  коммунары. Тынг  сæ  фæнадтой  æмæ  сæ  æрдæгцъæлтæй  ныппæрстой  ныккæнды. Уыцы ‘хсæв дзы иу чысыл  рудзынджы хуынкъæй  абырыдысты  дыууæйæ: Гуыцмæзты  Уаса (сарабукъаг) æмæ  йе  ҆мбал. Фæцыдысты  дон-дон æмæ  аирвæзтысты. Иннæ 13  лæппуйы гуырдзы акодтой  Згъудеры  уæлмæрдмæ. Ингæны былыл  куы  ‘рлæууыдысты, уæд дзы  иу тæлтæг лæппу  асæррæтт кодта фалæмæ. Гуырдзиæгтæй сæ иу афтæ бакодта, зæгъгæ, ауадзут æй, йæ амонд у, æмæ уадзмæ лидза. Лохты Артём размæ ралæууыд  æмæ дзуры, зæгъгæ, йæ æз нæ  бауадздзынæн лидзын. Бæхыл абадти æмæ йæ  фæстейæ асырдта. Сæййæфта  йæ  æмæ  йæ  чъылдымæрдыгæй  фехста. Бабаста  йæ йæ  бæхы къæдзилыл  æмæ йæ хыр-хыргæнгæ раласта. Ныппæрста йæ ингæны. Уыцы лæгмартæй  дыууæйæ уыдысты, иронæй чи  сгуырдзиаг ис, ахæмтæ: Майсурадзе Ило (Мамсыратæй) æмæ Къасрадзе  Гогиа (Къалатæй). Гогиа 9-æм лæджы куы фехста, уæд йæ наганы лулæйæн ныбба кодта.

Фæстæдæр ирон адæм гуырдзиаг лæгмартыл скодтой æгады зарджытæ:


"Жордания хæрæг ласта,
Гегечкъори - дзæргъ.
Кæрæдзийæн бафæдзæхстой:
Макæмæн æй зæгъ".

1920 азы 8-æм июны Козаты Разден æмæ Рæмоны фырт æрвыст æрцыдысты Мæскуымæ Ленинмæ. Сæ Меморандумы фидарæй дзырдæуыд, зæгъгæ, Хуссар  Ирыстон  у Советон Уæрæсейы  æнæфæхицæнгæнгæ хай. Иумæйагæй нын ницы  ис, æмæ  нæ  нæдæр  фæнды меньшевикон Гуырдзыстонимæ. Уыйадыл фæллойгæнджыты  фæндонмæ  гæсгæ  Сырх  Ӕфсад æвæстиатæй хъуамæ бацахса Хуссар  Ирыстоны. Улæфты  рæстæджы  Разден  Ленинмæ  радта  фыстæг, цыран куырдта, цæмæй  йемæ 2-3 минуты бæрц аныхас кодтаид. Ленин æй уайтагъд йæхимæ райста æмæ  йæ  рафæрс-бафæрс  райдыдта. Разден æм радта Меморандум, цыбыртæй йын радзыртта Хуссар Ирыстоны растады тыххæй, бамбарынын кодта Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты  фæндон. Ленин Меморандум бакастис æмæ хæларзæрдæйæ загъта: "Зынаргъ хæххон æмбал! Ды, чи-зоны, уæ хæхты онг дæр нæма бахæццæ уай, афтæ меньшевиктæ Сау денджызæй дæр ахиздзысты. Ма тыхс, ацу уæхимæ æмæ  Хуссар Ирыстоны хæстон организацитæн мæ номæй салæмттæ ратт". Раздены  къух тыхджын нылхъывта. Разден Ленинæн бузныг загъта æмæ иттæг райгондæй  рацыд.

1920 азы  июны  гуырдзыстоны  меньшевиктæ тард  æрцыдысты  Хуссар  Ирæй. Хуссарирыстонаг адæм æрæвнæлдтой ног цард аразынмæ.

Фæлæ Гуырдзыстон уæддæр йæ сырдон  митæ  нæ  ныууагъта. Ногæй та йæ сау  марг  байтыдта куыд 1989-1992 азты, афтæ 2008 азы дæр. Мах, кæстæр  фæлтæр, ма хъуамæ рох кæнæм не  ҆взаг, нæ истори, ахуыр кæнæм, нæ рагфыдæлтæ нын  цы  кадджын æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон æмæ макуы ‘руадзæм  Ирыстоны  кад  дæлæмæ. Ӕлгъыст фæуæд мыккагмæ не знæгтæ. Махæн та нæ Ирыстон размæ цæуæд æмæ дидин æфтауæд! Цъæх денджызау нæ сæрмæ фæйлауæд Ирыстоны Сабырады тырыса!..

СИУКЪАТЫ Каринæ,
I
 бынат бацахсæг.





 
Рубрика: Достижения наших детей | Просмотров: 536 | Добавил: Редактор | Дата: 27 Июля 2024 года.
Друзья сайта
Президент РЮО
Правительство РЮО
Парламент РЮО
МИД РЮО
Посольство РФ в РЮО
Представительство Россотрудничества в РЮО
Международная ассоциация преподавателей русского языка и литературы
Координационный совет общественных организаций российских соотечественников
в Южной Осетии

Газет "Хурзæрин"
Газета "Южная Осетия"
"Sputnik - Южная Осетия"
ИА "Рес"
МИА "Южная Осетия сегодня"


Календарь
«  Декабрь 2020  »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 123456
78910111213
14151617181920
21222324252627
28293031
Архив записей