Нашел я вас. И как дар
Немецкому народу хотел бы я в те дни,
Когда там буря мрак развеет,
На мой родной язык перечеканенную
Всю вашу песню гордую перенести,
Чтобы и мой народ, как братьев, встретил вас,
И память вашу великую благословил.
|
180 азы сӕххæст академик А. М. Шёгрены райгуырдыл. Уый ном нын зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ у фыццаг ирон грамматикӕ саразӕг. Уымӕй уый бындур ӕрӕвӕрдта ирон ӕвзаджы ахуыр ӕмӕ фыссынадӕн дӕр. Зынгӕ ахуыргонд-академик, филолог ӕмӕ лингвист А. М. Шёгрен райгуырд 1794 азы Финляндийы. Уый ахуырад райста Боргосы гимназы, стӕй та Абосы университеты. 1819 азы сси философон зонæдты доктор. 1820 азы Шёгрен Финляндийӕ ӕрцыд Бетъырбурхмӕ æмӕ райдыдта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ истори ахуыр кӕнын. 1821 азы йын мыхуыры рацыдис къаннæг куыст «Финаг ӕвзаг æмӕ литературӕйы тыххӕй». Уыцы куыст афтӕ хорз ныффыста, ӕмӕ суанг къухфыстӕй дӕр йӕхимӕ ’ркӕсын кодта граф Н. П. Румянцевы. 1823 азы Шёгренӕн лӕвӕрд ӕрцыд библиотекары бынат ӕмӕ уыцы аз ахуырадон балцы ацыд Новгород ӕмӕ Олонецы губернитӕм. Уый ӕрзылд Уӕрӕсейы къорд губернийыл. 1831 азы А. М. Шёгрен ӕвзӕрст ӕрцыд экстра-ординарон академикӕй. Дыууӕ азы фӕстӕ нысан ӕрцыдис академион библиотекӕйы фӕсарӕйнаг хайады библиотекарӕй. Уый уыдис ӕвзыгъд зонадон кусӕг, ӕнтысгӕйӕ кодта зонадон-иртасӕн куыст ӕндӕр æмӕ ӕндӕр фарстыты фӕдыл. Ирон ӕвзаг зонадон ӕгъдауӕй раиртасынмӕ дӕр ӕппӕты фыццаг Шёгрен ӕрӕвнӕлдта.
|
|