27 Июля 2024
"Надо любить и хранить те образцы русского языка, которые унаследовали мы от первоклассных мастеров". Д.А.Фурманов
Меню сайта
   Главная
   Новости
   Об АПРЯЛЮО
   Журнал, юбилеи
   Подшивка
   Конференции
   Семинары
   Конкурсы
   Международное
    сотрудничество
   Достижения студентов
    и школьников
   Методический уголок
   Литературная страничка
   Объявления
   О сайте
Поиск на сайте


Статистика


А. М. Шёгрены 180 азон юбилейы цытӕн

180 азы сӕххæст академик А. М. Шёгрены райгуырдыл. Уый ном нын зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ у фыццаг ирон грамматикӕ саразӕг. Уымӕй уый бындур ӕрӕвӕрдта ирон ӕвзаджы ахуыр ӕмӕ фыссынадӕн дӕр.

Зынгӕ ахуыргонд-академик, филолог ӕмӕ лингвист А. М. Шёгрен райгуырд 1794 азы Финляндийы. Уый ахуырад райста Боргосы гимназы, стӕй та Абосы университеты.

1819 азы сси философон зонæдты доктор. 1820 азы Шёгрен Финляндийӕ ӕрцыд Бетъырбурхмӕ æмӕ райдыдта уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ истори ахуыр кӕнын. 1821 азы йын мыхуыры рацыдис къаннæг куыст «Финаг ӕвзаг æмӕ литературӕйы тыххӕй». Уыцы куыст афтӕ хорз ныффыста, ӕмӕ суанг къухфыстӕй дӕр йӕхимӕ ’ркӕсын кодта граф Н. П. Румянцевы. 1823 азы Шёгренӕн лӕвӕрд ӕрцыд библиотекары бынат ӕмӕ уыцы аз ахуырадон балцы ацыд Новгород ӕмӕ Олонецы губернитӕм. Уый ӕрзылд Уӕрӕсейы къорд губернийыл.

1831 азы А. М. Шёгрен ӕвзӕрст ӕрцыд экстра-ординарон академикӕй. Дыууӕ азы фӕстӕ нысан ӕрцыдис академион библиотекӕйы фӕсарӕйнаг хайады библиотекарӕй. Уый уыдис ӕвзыгъд зонадон кусӕг, ӕнтысгӕйӕ кодта зонадон-иртасӕн куыст ӕндӕр æмӕ ӕндӕр фарстыты фӕдыл. Ирон ӕвзаг зонадон ӕгъдауӕй раиртасынмӕ дӕр ӕппӕты фыццаг Шёгрен ӕрӕвнӕлдта. Ирон ӕвзаг ахуыр кӕныны дыккаг период баст у уый номимӕ.

Шёгрены агъоммӕ, стӕй йӕ рӕстӕджы дӕр ахуыргонд адӕмæй ирон æвзаджы тыххӕй ахӕм стыр хӕс ӕмæ бӕлвырд проблемӕтӕ йӕ разы ничи ӕрӕвӕрдта.

Уӕрӕсейы зонӕдты Академийы кусгӕйӕ, уый базыдта Кавказы цӕрӕг ирон адӕм ӕмӕ се ’взаджы тыххӕй, æмӕ йӕм стыр цымыдис сӕвзӕрдис уыдон базонынмӕ. Шёгрен йæ разы ӕрӕвӕрдта хӕс, цӕмӕй базыдтаид ирон адӕмы, сахуыр сын кодтаид се ’взаг, ӕрӕмбырд кодтаид ӕрмӕг ӕмӕ ныффыстаид стыр зонадон куыст. Уыцы фарсты фæдыл, стӕй йе 'нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта ӕмӕ йӕ йӕхи сдзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыйадыл ӕрцыд Кавказмӕ, Гуырдзыстонмӕ.

1837 азы фӕззӕджы ӕрхæццæ Гуырдзыстонмӕ ӕмӕ ӕрцард Тифлисы. Уым базонгӕ сӕйраг ексарх Феофилактимӕ. Уый Шёгрены хорз райста. Радта йын, уӕды рӕстӕджы Гуырдзыстоны цыдӕриддӕр ирон ӕвзагыл мыхуыры рацыд, уыцы литературӕ. Уымӕ гӕсгӕ Шёгрен тынг райгондӕй баззад ексархӕй ӕмӕ Гуырдзыстонмӕ йӕ балцӕй. Цалынмæ уыцы ӕрмӕгыл куыста, ахуыр ӕй кодта, уӕдмӕ цард Тифлисы, стӕй ацыд Владикавказмӕ.

Цӕмӕй ирон ӕвзаг практикон ӕгъдауӕй сахуыр кодтаид ӕмӕ йыл ӕрмӕг дӕр фылдӕр ӕрӕмбырд кодтаид, уый тыххӕй йӕ бахъуыд ирӕттӕн сӕхи ’хсӕн ӕрцӕрын. Уый ӕрцард Владикавказы (ныры Орджоникидзейы) ӕмӕ ирон ӕвзаг ахуыр кӕнын райдыдта дыууӕ диалектыл дӕр: иронау ӕмӕ дыгуронау. Уым Шёгренӕн фӕзынд бирӕ хӕлӕрттӕ. Уыдонӕй иу уыд бынæттон цӕрӕг ирон лӕг Жукъаты Бетъре, зӕгъгӕ. Уый куыста ахуыргӕнӕгӕй, каст фӕцис Тифлисы духовон семинар ӕмӕ хорз зыдта куыд ирон ӕвзаг, афтӕ гуырдзиаг ӕвзаг дӕр. Ӕвзыгъд уыд тӕлмац кӕнынмӕ. Уый Шёгренӕн ӕххуыс кодта ирон ӕвзагыл ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕныны хъуыддаджы, тӕлмац ын кодта ирон ӕвзагӕй уырыссаг ӕвзагмӕ, ӕххуыс ын кодта ирон ӕвзаг практикон ӕгъдауӕй сахуыр кӕныны хъуыддаджы.

Гуырдзыстоны ексархы бардзырдмӕ гӕсгæ А. Шёгренӕн ӕххуыс кодта гуырдзиаг лӕг Шио Двалишвили дӕр. Уый куыста сауджынӕй, хорз зыдта ирон ӕвзаг. Шёгрен тынг зӕрдиагӕй архайдта ирон ӕвзагыл ӕрмӕг ӕрæмбырд кӕнын ӕмӕ йӕ сахуыр кӕныныл, фӕлӕ йӕ царды уавӕртӕ мӕгуырау кӕй уыдысты, уый йӕ тынг къуылымпы кодта. Иннӕмӕй та-иу æй арæх бахъуыд Пятигорск ӕмӕ Хъырыммӕ цӕуыны сӕр, ӕмӕ-иу уӕд йӕ куыстӕй фӕиппӕрд.

Шёгрен ирон æвзаджы тыххӕй ӕрмӕг ӕмбырд кодта канд бынаты нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр, арӕх цыдис хӕхтӕм фистӕгӕй, зылд хъӕуи-хъӕу, тынг-иу фӕфыдӕбон кодта, фӕлӕ-иу хъӕздыг ӕрмӕг куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд-иу йӕ фыдӕбон дӕр ницæмæуал дардта.

1837 азы 20 октябры Шёгрен йӕ хӕлармӕ йӕ иу балцы тыххӕй цы фыстӕг фыста, уым хъаст кодта, зӕгъгӕ, хъӕутӕм ацӕугӕйӕ, тынг къуылымпы кӕнын, тӕлмацгӕнӕг мын кӕй нӕ вӕййы, уый аххосӕй. Фӕлӕ, зӕгъы, уӕддӕр алы хатт райгондӕй баззайын, ирон адӕм, дам, мыл алыран дӕр тынг хӕларӕй кӕй сӕмбӕлынц, уый тыххӕй.

Шёгрен ирон æвзаг ӕдде бакӕсгӕйӕ нӕ ахуыр кодта. Уый дзырдтӕм кастис хъуыдыуаты ӕндӕр дзырдтимӕ бастӕй ӕмӕ сын афтӕмӕй бӕрӕг кодта сӕ грамматикон нысаниуӕг ӕмӕ сӕ конд. Шёгренӕн йӕ куыст мыхуыры нӕма рацыд, афтæмӕй йæ иу ахуыргонд - Потт, зӕгъгӕ, азымы дардта, цыма ирон ӕвзаджы нымайы индо-гермайнаг ӕвзагыл, ӕмæ ирон адӕмы та - немыцаг адӕмӕй фӕхицӕнуӕвӕг къордыл. Ацы хъуыддаг Шёгренмӕ тынг бахъардта, зӕгъгӕ, æз мӕхӕдӕг ахӕм хъуыдыйы ныхмӕ куы дӕн, уӕд цы бындурмӕ гӕсгӕ дзуры афтӕ. Йӕхи сраст кӕныны тыххæй ацыд Бетъырбурхмӕ ӕмӕ зонӕдты Академийы раз ӕрӕвӕрдта фарст; сраст ӕй кодтой уыцы хъуыддаджы, рацыдысты Потты ныхмӕ. Шёгрен та фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт Владикавказмӕ ӕмӕ та дарддæр куыста ирон ӕвзаг иртасыныл.

1837 азы кӕрон, декабры мӕйы, Шёгрен ацыд Бетъырбурхмӕ. Фӕстӕдӕр куыд загъта, афтӕмӕй Кавказмӕ йӕ балцӕй баззад тынг райгондӕй, кӕд бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, кӕд йе 'нӕниздзинад ноджы тынгдӕр фӕцудыдта, уæддæр. Бетъырбурхы Шёгрен кусын райдыдта уыцы ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ грамматикӕ ныффыссыныл, фӕлӕ ирон ӕвзагӕн рӕстмӕ алфавит кӕй нӕ уыдис, уый йӕ хъыгдардта. Шёгрен уырыссаг графикæйы бындурыл сарӕзта ирон алфавит. Аппӕрста дзы цалдӕр дамгъӕйы ӕмӕ йӕм бафтыдта ӕндӕртӕ. Афтӕмӕй йӕ алфавит рауадис 46 дамгъӕйӕ. Иугӕр алфавит сарӕзта, уӕд ын фенцондӕр грамматикӕ ныффысын дӕр, сарæзта йæ æмӕ йӕ мыхуыры рауагъта 1844 азы ахæм сӕримӕ: «Осетинская грамматика с кратким словарем осетинско-российским и российско-осетинским». Уый фӕстӕ та йын мыхуыры рацыд немыцаг ӕвзагыл, Берлины. Уыцы чиныджы фӕзынд стыр культурон цау уыд ирон адӕмы царды. Уымӕй Шёгрен егъау хуын бахаста ирон культурӕйы хӕзнадонмæ. Уый у фыццаг зонадон куыст ирон ӕвзагыл, ӕмӕ йын стыр аргъ скодтой ахуыргæндтæ.

1844 азы Шёгрен ӕвзӕрст ӕрцыд финаг ӕмӕ кавказаг адӕмты филологи ӕмӕ этнографийы ординарон академикӕй. Иу азы фӕстӕ йӕ снысан кодтой академийы музейы директорӕй. 1846 азы Шёгрен, академик Беры фӕндонмӕ гӕсгӕ, ист ӕрцыд кусынмӕ уырыссаг императорон географион ӕхсӕнадмӕ. Уыцы заманы цы бирӕ зонадон куыстытӕ ныффыста, уыдоны ’хсӕн ис ирон ӕвзаджы тыххӕй дӕр ахæм куыст: «Сӕрмагонд раиртӕстытӕ ирон ӕвзаджы фӕдыл, индо-европӕйаг ӕвзӕгтӕ зӕрдыл даргӕйӕ».

Стыр у Андрей Михаилы фырт Шёгрены лӕггад ирон адæмы раз, ӕмӕ йын йӕ рухс ном дӕр уымӕн мысӕм абон цытимӕ.

ЦХУЫРБАТЫ Елизаветӕ,
Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты хисдӕр ахуыргӕнæг

(газет «Советон Ирыстон», 1974 азы 9 май, №90 (11431))

 

Рубрика: "Русское слово в Южной Осетии", №2(16), 2019 год | Просмотров: 555 | Добавил: Редактор | Дата: 27 Июля 2024 года.
Друзья сайта
Президент РЮО
Правительство РЮО
Парламент РЮО
МИД РЮО
Посольство РФ в РЮО
Представительство Россотрудничества в РЮО
Международная ассоциация преподавателей русского языка и литературы
Координационный совет общественных организаций российских соотечественников
в Южной Осетии

Газет "Хурзæрин"
Газета "Южная Осетия"
"Sputnik - Южная Осетия"
ИА "Рес"
МИА "Южная Осетия сегодня"


Календарь
«  Январь 2020  »
ПнВтСрЧтПтСбВс
  12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
2728293031
Архив записей