|
Николай Гумилев
КАПИТАНТÆ
I
Дард, цæгат æмæ хуссары фурдты,
Рог, цъæх ызмæлты къæлæзты сæр
Дзындз, базальтæй къæдзæхтæ ‘мæ дуртæ
Хъусынц науты пæлæзты сæр-сæр.
Цырд, рæудзуты кæнынц капитантæ, –
Ног зæххытæ иртасынц бæстон.
Нæ, нæ сын сты тæссаг урагантæ, –
Уыдон федтой мальстрёмтæ, тæндон.
Уыдон риутæ гæххæттыты рыгæй
Не сты ‘фсæст, фæлæ фурдты цæххæй,
Хъавгæ, се ‘хсарджын фæндæгтæ ‘рцындзæй
Скъуыдтæ картæтыл равдисынц стæй.
Уый лæнк-лæнкгæнæг наухидмæ стæхы,
Мысы фæсчъылдым аззайæг порт.
Фынчы бындзгуытæй хъавгæ æрцæгъды
Уисы цæфтæй йæ бæрзонд ботфорт.
Науы чъилы куы рахаты растад,
Уæд йæ ронæй ыстоны ливор,
Ацы лæбурдæй азгъалынц уайтагъд
Бур, зæрин рыг манжеттæ, хызгонд…
Уадз, нæрæмон фурд сонтæй лæбура,
Слæууа сау уылæн арвы æмвæз,
Иуы ‘хсар дæр йæ бон нæу фæсурын,
Иу сæ не стухдзæн науы пæлæз.
Ацы цæнгтæ тæппуд лæгты не сты,
Ацы бакаст – ныфсджын æмæ цыргъ,
Уый фрегатæй æнæнхъæл ныббырсы
Знаджы къаннæг фелукæтыл, цырд.
Уыцы бакаст хъæбырæгъ, нæмыгæй
Домбай китты ныййафы, цæвы,
Ирд, ыстъалыджын æхсæв фæрныгæй
Дард маякты дыдзы рухс уыны.
II
Сымах та, Цъæх Аргъуаны ‘цæг палладинтæ
Хъуынтъыз бон уын раст фæндаг амоны румб,
Гонзальво ‘мæ Кук, Лаперуз, стæй де-Гама,
Бæллицдарæг, паддзах, генуйаг Колумб!
Ганнон Карфагенаг, æлдар Сенегамбий,
Нæ наудзог Синдбад æмæ Улисс-нæргæ,
Уæ сгуыхтытыл зарынц ныр дæр дифирамбы
Гуылфæг урс уылæнтæ, къæхæнтæ цæвгæ!
Сымах дæр, уæ паддзахы куыйтæ, пираттæ,
Йæ сыгъзæрин чи ‘мбæхста тар порты арф,
Хæтæгхуаг араббæгтæ, дины салдаттæ,
Цæугæ хидыл чи слæууыд иууыл фыццаг!
Æппæт уыдон, чи ‘ндиуы, чи бæллы, сгары,
Кæмæн нал у уарзон фыдæлты уæзæг,
Æнæфсæрмæй чи худы, джидзæг ыскъæры,
Куы фæхъусы урссæр куырыхонтæм, уæд!
Куыд диссаг, адджын у уæ бæллицты хизын,
Уæ зынаргъ нæмттæ уын мынæгæй зæгъын.
Æмбарын, цы наркозтæ уарзта æвдисын
Уæ уарзон сау денджызты арфад, адджын!
Æнхъæл дæн – нæ дунейы баззад зæххытæ,
Лæджы къах кæм нæ уыди, рохæй лæууынц,
Цæрынц ма дзы хурæфсæст къохты уæйгуытæ,
Рæсуг доны, ‘рттивгæ, дзындзытæ зынынц.
Бæлæстæй дзы ‘ртæдзы иттæг хæрздæф чъиутæ,
Кæдзист сыфтæ сусæгæй «Рæвдздæр! – зæгъынц, –
Ам уардитæ – паддзахы дарæсæй ирддæр,
Сырх зæрин мыдыбындзытæ дзы тæхынц!»
Къаннæг адæм мæргъты сæ ахстæттæй сурынц,
Чызджыты уæздан уындæй не ‘фсæды цæст…
Æнæнымад стъалытæ сау арвыл судзынц,
Кæронмæ нæма у нæ дуне иртæст!
III
Иугæр къардиу айнæджытæй
Падззахы форт акæсы –
Уайтагъд хъæлдзæг наудзæуджытæ
Зонгæ портмæ стагъд кæнынц.
Тавернæйы, цъустæ ‘рцæвгæ,
Ас лæг аргъæуттæ кæны,
Стыр денджызон гидрæ, зæгъгæ,
Сау хæдæхсæнæй мæлы.
Саулагъз чызджытæ-мулаттæ
Зарынц уым, дæсны фæрсынц,
Хæрды адджын ароматтæ
Дардыл уæлдæфы кæлынц.
Чъизи тавернæты ‘зæрæй
Суанг фыццаг зæрин тынтæм
Уарынц сайæн къамтæ рæвдзæй
Хинæйдзаг гæды лæгтæ.
Хорз у доктыл, наулæууæны,
Тезгъо кæнын, стæй хуыссын,
Форты салдæттимæ ‘хсæвы,
Загъд самайгæ, хыл кæнын.
Бонджын дардбæстаг чызджытæй
Сутæ кур, кæн сын ыстæй
Маймулиты, стырхъусджынты
Фындзы ‘рхуы цæгимæ уæй.
Фыр-мæстæй бынтон фæлурсæй,
Дзыппы амулет нылхъив,
Алцы фембылды дæ дуртæй,
Згъæлы астæрдыл дæ хид.
Зонд сафыны хос æрсысы,
‘Рлæууы расыг дзырдты тахт,
Капитаны хъæлæс хъуысы,
Сиды ацæуынмæ тагъд.
IV
Дунейы ис æндæр зæххытæ дæр,
Уынгæггæнæг мæйæ фæлмæцынц,
Уæлдæр тыхæн, уæлдæр лæджыхъæдæн
Сæ къухæй алы хатт ирвæзынц.
Уылæнтæ, кафгæ, ирд тæмæн калгæ,
Сæ цыллахъ иу уысм дæр нæ уадзынц,
Тæхы дзы фурдыл, сонт сæррæтгæнгæ,
«Тæхæг Голландиаг» йæ балцы.
Нæ фены уый тæндæттæ рифтимæ,
Фæлæ йæ наухъилтыл, пæлæзтыл,
Æнамонд цауты ‘вдисæн, фидиуæг,
Æрттивынц уац Эльмы цæхæртæ.
Æнæбын фурдыл зъоры капитан,
Йæ худмæ иу къухæй æвналы,
Цæф, тугæйдзаг, уæддæр æфсæнвидар,
Ныййичъи иннæ та штурвалыл.
Мæлæтау, сты фæлурс йæ хæлæрттæ,
Æмдзæдис иумиаг хъуыдыйæ.
Раст ахæм каст кæнынц зынгæй мæрдтæ,
Æнæзæгъынвадат, мæстыйæ.
Кæд ыл рæсуг сæумæйы ирд рæстæг
Æмбæлди наудзæуджытæ фурдты,
Уæд сын хъыджы фидиуæг мидхъæлæс
Æууылдта ‘нусбонты сæ удтæ.
Æрцыди амад бирæ таурæгътæ
Хæстмондаг абухæг æрдонгыл,
Сæ иу у ‘вирхъаудæр, зын баууæндæн,
Уый фурд фынкгæнджытæ дæр зонынц –
Зæгъгæ, зæххы кæроны фалийæ,
Кæм фæуы Хуссары тыгъд уæрхад,
Гъе, уым лæууы дыккаджы Каины,
Æлгъаг уæйгæнæджы фыдвæндаг.
1909
---------------------------------------------------------------
МАЛОУПОТРЕБИТЕЛЬНЫЕ СЛОВА:
фурд – море, океан
змæл – зыбь
къæлæз – изгиб
дзындз – жемчуг
науы пæлæз – парус корабля
Мальстрём – водоворот близ Норвегии (нариц.: водоворот)
тæндон – мель
æрцындз – трехгранная игла для грубых изделий (напр., из кожи и плотной ткани)
наухид – капитанский мостик
бындзыг – клок
науы чъил – борт корабля
хызгонд – кружево
нæрæмон – бурный, буйный, бушующий
хъæбырæгъ – острога
дыдзы рухс – едва заметный свет
бæллицдарæг – мечтатель
наудзог – моряк, мореплаватель, мореход
гуылфæг – набегающий на берег
къæхæн – крутой берег
хæтæгхуаг – скиталец
дин – вера, религия
цæугæ хид – плот
æндиуын – дерзать
мынæг – шепотом
рæсуг – прозрачный
кæдзист – узор
къардиу – обрыв, утес
айнæг – отвесная скала
хæдæхсæн – самострел, арбалет
сайæн къамтæ – краплёные карты
су – в прошлом: самая мелкая французская монета
æрхуы – медь
цæг – кольцо, звено
астæрд – пол
уынгæггæнæг – мучительный
цыллахъ – плеск
наухъил – мачта
æнæзæгъынвадат – невыразимость
мидхъæлæс – внутренний голос
æрдонг – орда, ватага
фурд фынкгæнджытæ – пенители моря
Хуссары уæрхад – Южный тропик, тропик Козерога
тыгъд – обширный
æлгъаг – презренный
|