* * *
Я обманывать себя не стану,
Залегла забота в сердце мглистом.
Отчего прослыл я шарлатаном?
Отчего прослыл я скандалистом?
Не злодей я и не грабил лесом,
Не расстреливал несчастных по темницам.
Я всего лишь уличный повеса,
Улыбающийся встречным лицам.
Я московский озорной гуляка.
По всему тверскому околотку
В переулках каждая собака
Знает мою легкую походку.
Каждая задрипанная лошадь
Головой кивает мне навстречу.
Для зверей приятель я хороший,
Каждый стих мой душу зверя лечит.
Я хожу в цилиндре не для женщин -
В глупой страсти сердце жить не в силе,-
В нем удобней, грусть свою уменьшив,
Золото овса давать кобыле.
Средь людей я дружбы не имею,
Я иному покорился царству.
Каждому здесь кобелю на шею
Я готов отдать мой лучший галстук.
И теперь уж я болеть не стану.
Прояснилась омуть в сердце мглистом.
Оттого прослыл я шарлатаном,
Оттого прослыл я скандалистом.
1922.
|
* * *
Æз мæхи нæ сайдзынæн мæхæдæг,
Фенкъард зæрдæ, нал хъуысы йæ зарæг,
Адæм мæн цæмæн хонынц гæдылæг,
Адæм мæн цæмæн хонынц хылкъахæг?
Æз фыдуаг нæ дæн, нæдæр – абырæг,
Ахæстæтты мæгуырты нæ марын, –
Дæн хуымæтæг, уынгты лæппу, хъæлдзæг,
Мидбылхудгæ адæмыл æмбæлын.
Æз – мæскуыйаг хъеллауаг къæбæда,
Алкæмæн – чысыл лæвар мæ роны,
Ацы уынджы алкæцы къæбыла
Мæн мæ рог хъылдым цыдтытæй зоны.
Исты ‘фхæрд бæх мæн куы фены уынджы, –
Сцин кæны, уысммæ йæ маст æртайы,
Сырдтæн хорз хæлар дæн æз, æууæнкджын,
Ме ‘мдзæвгæтæй сырдты зæрдæ райы.
Æз цилиндры устытæм нæ цæуын,
Сонт хъуыдытæй зæрдæйы бон нал у, –
‘Ххормаг бæхæн адджын холлаг дарын
Цилиндрæй æнцон æмæ æхцон у.
Адæмы ‘хсæн æз хæлар нæ зонын,
Ис æндæр паддзахады уацар мæ зæрдæ,
Алкæцы куыдзы фыртæн йæ риуыл
Бакæнин мæ галстуктæн сæ хуыздæр.
Ныр мæ хъыг фæлыгъд, ирвæзт дæн мастæй,
Тар зæрдæмæ хуры тын ныккасти:
Уымæн хонынц адæм мæн гæдылæг,
Уымæн хонынц адæм мæн хылкъахæг.
Уырыссагæй раивта Плиты Инал
|